Вахтанг Гомелаури  Гудаурийы цур  ирвæзынгæнæн операцийы рæстæджы трагиконæй фæмардуæвджытæн сæ ном ссардта
Вахтанг Гомелаури Гудаурийы цур ирвæзынгæнæн операцийы рæстæджы трагиконæй фæмардуæвджытæн сæ ном ссардта

Мидхъуыддæгты министр  Ваххтанг Гомелаури, æнæнизхъахъхъæды  министр Зураб Азарашвилиимæ иумæ, 2022 азы   Гудаурийы цур   æрцæугæ   трагедийы  бынатыл уыд.

МХМ-ы  информацийæ,  министр трагикон цауы  рæстæджы фæмардуæвæг   тæхджыты, ирвæзынгæнджыты æмиæ дохтыртæн сæ ном ссардта.

Трагикон цау 2022 азы 29 июлы, Гудаурийы цур æрцыд.  Ирвæзынгæнæн   операцийы  рæстæджы  арæйнон пъæлицæйы   хæрдмæтæхæг   катастрофæ бавзæрта,  кæцыйы фæстиуæгæн  бортыл уæвæг  аст адæймаг – мидхъуыддæгты министрады арæйнон   пъæлицæйы   тæхджытæ,  уæлвæтк уавæрты куысты ирвæзынгæнджытæ æмæ  дохтыртæ амардысты.

Мидхъуыддæгты министры  уынаффæйæ, трагедийы рæстæджы фæмардуæвæг   цыппар    тæхæг  æмæ дыууæ ирвæзынгæнæгы  схорзæхджын кодтой  министрады I категорийы  майданæй – «сæрмагонд сгуыхтдзинады тыххæй».