Вахтанг Гомелаури æмæ Владимер Борцвадзе, Зугдиды зылдон пъæлицæйы сæйраг уагдоны сты
Самегрело-Уæллаг Сванеты бæстæйы пъæлицæйы сæйраг уагдонмæ цъус рæстæг размæ бацыдысты мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури, йæ хæдивæг Владимер Борцвадзе æмæ централон криминалон департаменты директор Мамука Чъелидзе.
Уыдонæн сæ размæ рацыд зылдон пъæлицæйы къухдариуæггæнæг Автандил Галдава. Уагдоны фембæлд 21 октябры Зугдиды «Гуырдзыстоны Банкмæ» лæбурды æмæ бырсæгы агуырды операциимæ у баст.
Нырма бæрæг нæу, фембæлды ф æуды фæстæ сараздзысты æви нæ мхм-ы кæцыдæр минæвар коментари.
Зугдиды 21 октябры, «Гуырдзыстоны Банкмæ» гарзджын гоймаг балæбурдта æмæ 43 æмбæстагы уацайрæгтæй фæкодта. Барадхъахъхъæнджыты тыхайрхайды фæрцы, цалдæр сахатон бадзырдты фæстиуæгæн, бырсæг уацайрæгты фылдæр ссæрибар кодта, кæцыты фæивдта Самегрел-Уæллаг Сванеты зылдон пъæлицæйы хистæр, Автандил Галдава. Фæстæдæр бырсæг Галдаваимæ æмæ æртæ уацайрагимæ иумæ ныууагъдта бæстыхай. Сæ цыппары дæр æхсæвы ссæрибар кодта.
МХМ-ы хъусинагæй, барадхъахъхъæныджтæ интенсивон режимæй дарддæр кæнынц оперативон-фæдæвзарæн æмæ фæдагурæн мадзæлттæ, бырсæг æрцахсынын нысанæн.