Вахтанг Гомелаури – абон нын ис аполитикон æмæ æмбæстæгты интерестыл ориентацигонд пъæлицæй
Тбилисы, мидхъуыддæгты министрады администрацион бæстыхайы раз, пъæлицæйы профессион бонмæ гæсгæ бæрæгбонон мадзал цæуы. МХ министр Вахтанг гомелаури пъæлицæйæгтæн профессион бон раарфæ кодта æмæ мадзалы хайадисджытæм дзырдæй раздæхт.
«Дзæбæх зонын, цы нысан кæны уай пъæлицæйаг æмæ зонын, куыд вазыгджын у фыдракæндимæ тох кæнын, службæ кæнын æмбæстæгтæн æмæ уый æппæтимæ иумæ, ма фехалай адæймаджы æндæр æмæ æндæр фундаментон бартæ. Ратсдæр адæймаджы барты хъахъхъæд, криминалимæ тох æмæ цæрджытæн æдас уавæры саразын у мидхъуыддæгты министрады сæйраг функци. Æндиудлæй мæ бон зæгъын у, цæмæй уый æппæт мах æнтыстджынæй æххæст кæнæм, абон нын ис аполитикон æмæ æмбæстæгты интерестыл ориентацигонд пъæлицæй. Абон амæ рмæст цалдæр сæдæ пъæлицæйаг стут, фæлæ уæ фæстæ мингай уæ коллегæ лæууы. Бузныджы ныхæсты аккаг у алы пъæлицæйаг æхсæнад æмæ мæхицæй, куыд мидхъуыддæгты министрæй!» – райхъусын кодта Вахтанг Гомелаури.