Вакейы паркъы цæугæ акцимæ бацыд Заза Саралидзе
Вакейы паркъы  цæугæ  акцимæ  бацыд  Заза Саралидзе

Вакейы паркъы  цæугæ  акцимæ  «Сфидар  уæт рæстдзинад  æнæполитикътæй» бацыд  Хоравайы  уынгыл  мард æнахъомы  фыд, Заза Саралидзе.

Уый фæдыл хъусын кæны   Фыццаг Къаналы журналист  Вакейы паркъæй.

«Æз федтон, цæмæй  ам мæ хъæбулы  хæлæрттæ  лæууынц.  Мæ  хъæбулы  æмбæлттæ  кæм лæууынц,  уым уыдзынæн кæддæриддæр мæхæдæг дæр.  Рæдыды мæ ничи бафтаудзæн.  Цыфæнды  мæцъисæй спайда кæндзынæн, цæмæй  ацы системæ  ныккæла, æмæ рæстдзинад  сфидар уа» – райхъусын кодта  Заза Саралидзе.

Вакейы паркъы  Акци Хоравайы уынгыл   мард   æнахъомты  Леван Дадунашвили æмæ   Давит Саралидзейы  бинонтимæ солидарондзинады  нысанæй  цæуы  уагъд фæсивæды организацигондæй.

Организатортæ  хъусын  кæнынц, цæмæй   уыдон курынц  æнææрмæст  мардзыты дзуаппмæ раттын,  фæлæ  уыцы адæймæгты  æфрæдмæ  раттын  кæцытæ  зæгъгæ  сæ сæрыл дзырттой.

Афтæдæр сæ ныхæстæм гæсгæ,   Руставелийы проспектыл  цæугæ   акцимæ уыдон нæ баиу  уыдзысты, уымæн  æмæ  сæ хъуыдымæ гæсгæ,   политиктæ  бинонты  трагедийæ пайда кæнынц   сæрмагонд инетерстæм  гæсгæ æмæ архайынц  уымæй политикъон баллтæ  ныффыссын. Афтæдр нæ разы  кæнынц  хицауады  куыстуæгъды  æркуырдимæ æмæ дзурынцу, цæмæй   фæдæвзарæн  растдæр  хицауад хъуамæ бакæна  кæронмæ.