Узбекистаны хицауад бæстæйы  масштабæй уæлрадон режим æрбайсты  тыххæй  фехъусын кодта
Узбекистаны хицауад бæстæйы масштабæй уæлрадон режим æрбайсты тыххæй фехъусын кодта

Узбекистаны хицауад  бæстæйы æппæт территорийыл æрбайста  уæлрадон уавæры  режим. Уый  аххосæй ссис   Каракалпакстаны  автономион регионы,  сæрмагондæй та  йæ  сæйраг горæты Нукусы  ацæугæ протестон   акци, кæцы нымад æрцыд куыд хицаудзинад бацахст.

Автономион регионы  цæрджытæ рацыдысты  фыццаг июлы, Узбекистаны  конституцийы  ног проекты  публикацийы фæстæ, кæцымæ гæсгæ  дæр  ивд цыдис  Каракалпакстаны суверенон  статус  æмæ  Республикæйы  скондæй   рахицæны  бар. Каракалпакстаны регион, бæстæйы территорийы 40% ахсы, фæлæ уым бæстæйы  цæрджыты  7%, 2 милуаны онг  адæймаг цæры.

Рауагъдад «Хукы» хъусинагæй, 2  июлы   активист Даулмурат  Тажимуратовы  æрцахстой,к æцы  иу  бон размæ,  митингыл дзырдæй ралæууыд  æмæ фæдылдзог 5 июлы   митингы тыххæй райхъусын кодта.

Ацы рæстæгмæ, автономион регионы,  интернет  æмæ мобилон бастдзинад куылмпыгондæй кусынц.  Бынæттонтæн  интернеты  фото-видео  æрмæг ахæлиу кæныны  фадат нæй.  Горæт  Нукусмæ  бацæуæн æхгæд у. Афтæма  æрыхгæдтой арæн  автономион регионимæ.