Уырыссаг медийы хъусинагæй, демаркаци-делимитацийы фарстæты Уæрæсейы президенты специалон минæвармæ лæвæрд æрцыд барамын Гуырдзыстонимæ æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритимæ арæнтæ сбæрæг кæнын
Демаркаци-делимитацийы фарстæты Уæрæсейы президенты специалон минæвармæ лæвæрд æрцыд барамынд Гуырдзыстонимæ æмæ оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритимæ арæнтæ сбæрæг кæнын.
Уæрæсейаг медийы информацийæ, Владимир Путин, «Хæдбар паддзахадты æмгарады» бæстæтимæ Уæрæсейы арæнты делимитаци-демаркацийы фарстæты специалон минæварæй, снысан кодта Михаил Петраковы, кæцы афтæдæр уыдзæн Уæрæсейы делегацийы къухдариуæггæнæг Каспийы денджызы бирæфарсон бадзырдтыл.
«Снысан уæд Уæрæсейы федерацийы фæсарæн хъуыддæгты министрады дипломат Михаил Петраков Уæрæсейы Федерацийы преизденты специалон минæварæй, сыхаг паддзахадтимæ – хæдбар паддзахадты æмгарады уæнгтимæ Уæрæсейы федерацийы падздахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фарстаты. Афтæма йæм хæслæвæрд æрцæуæд Уæрæсейы Федерацийы арæны делимитацийы æмæ демаркацийы бæрн Абхазимæ, Гуырдзыстонимæ æмæ Хуссар Ирыстонимæ» – дзырдæуы документы.