Уырыссаг медийы информацийæ, гæнæн ис æмæ АИШ снысан кæна Ричард Норланды Уæрæсейы минæварæй
Уырыссаг медийы информацийæ, гæнæн ис æмæ АИШ снысан кæна Ричард Норланды Уæрæсейы минæварæй

АИШ гæнæн ис æмæ Уæрæсейы минæварæй снысан кæна Ричард Норланды, кæцы раздæр Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварæй куыста. Уый фæдыл информаци уырыссаг рауагъдад «Коммерсант» парахат кæны.

Медийы информацийæ, Норланд гæнæн ис æмæ Уæрæсейы АИШ-ы дипломативон миссийы къухдариуæггæнæгæй Линн Трейсийы раивдзæн.

Коммерсанты информацийæ, Ричард Норланды кандидатурæ Уæрæсейы минæвары бынатмæ ныридæгæн бавдыста Байдены администраци. Ричард Норланд, 69-аздзыд, ныртæккæ кусы АИШ-ы сæрмагонд минæварæй Ливийы. Уый ацы бынатмæ снысан ис 2019 азы, Дональд Трампы президентон фыццаг æмгъуыды рæстæджы. Гуырдзыстоны минæварæй куыста 2012 азы сентябрæй 2015 азы июлмæ. Уый ма разамынд лæвæрдта минæварадтæн Ливийы æмæ Узбекистаны, уыдис АИШ-ы минæвары хæдивæг Афганистаны æмæ Латвийы.