Урсула фон дер Ляйен – Украинамæ Уæрæсейы æххæстмасштабон бырсты бонæй Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ санкциты дæсæм пакет фидар кæны
Украинамæ, Уæрæсейы æххæстмасштабон бырсты бонæй, Евроцæдис Уæрæсейы ныхмæ санкциты дæсæм пакет фидар кæны, – уый фæдыл еврокомиссийы президент Урсула фон дер Ляйен, Украинайы президент Володимир Зеленскиимæ иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
«Ныр алцыппæт аразæм, цæмæй Путин ногæй æркæса ацы æбуалгъ хæстмæ. Цалынмæ Уæрæсе ацы хæст райдыдтаит, мах хъæрæй дзырдтам уый тыххæй, цæмæй йы цæй аргъ сбадтаит Уæрæсейæн æмæ Уæрæсе бафыста. Ныр санкцитæ куынæг кæнынц уырыссаг экономикæ. Уый энергетикон аргъ та боны мидæг 160 милуан евро у. «Стыр Авды» партнертимæ иумæ, ноджы бафтаудзыстæм нефтпродуктты арæйнон аргъ», – загъта еврокомиссийы президент.