Урсула фон дер Ляйен – Уæрæсе хæцы ивгъуыды тыххæй, Украина тох кæны цæмæй  йын хуыздæр фидæн уа
Урсула фон дер Ляйен – Уæрæсе хæцы ивгъуыды тыххæй, Украина тох кæны цæмæй йын хуыздæр фидæн уа

Мах хъуамæ баххуыс уæм Украинайæн, цæмæй фæныкæй сæндидза æмæ уа сæрмагонд фидæны хицау, Украина  сыххæст кондта  цы  къахдзæфтæ  йын  сбæрæг кодтам уыдон иууылдæр æмæ растдæр нæ уый тыххæй уырны, цæмæй  Евроцæдис куæнгсуæвыны фæдыл базырдтæ Украинаимæ хъуамæ  райдайа ацы мæйы  кæрон – уый фæдыл Еврокомиссийы президент   Урсула фон дер Ляйен, Украинайы сæндидзын кæныны конференцийыл райхъусын кодта.

Урсула фон дер Ляйены дзырдæй, зæгъгæ Украина у Европæ æмæ Евроцæдис у украинæгты хæдзар.

«Уæрæсе тох кæны  цæмæй кæрон скæна  Украина, Украина тох кæны уый тыххæй, цæмæй   кæрон скæна ацы  хæст. Уæрæсе тох кæны  ивгъуыды  тыххæй, Украина та  – цæмæй  цын  хуыздæр фидæн уа  уый тыххæй.  Уæрæсе пырх кны, Украина йæхи хъахъхъæны æмæ ацы контраст  сегасдæ1р дзæбæх  рахатинаг у Харьковы.   Дыууæ азы  размæ харьковæгтæ  уырыссæгты  тыыбын бакодтой  фæстæмæ ацæуын æмæ уый фæстæ æнæрмæст  ранæуæг кодтой горæт, фæлæ  ма байгм кодтой   ног культурон   центртæ, фæлæ уым  та ногæй  уары  уырыссаг бомбæтæй, кæцытæ нысанмæ исынц  цæрæн хæдзæрттæ, базарадон центртæ. Путины фæнды горæты скуынæг кæнын. Афтæмæй,  Харьковы æмæ Украинайæн хæъуы нæ алыгъуызон   æххуыс æмæ раст уый тыххæй   æрымбырд тæм ам  абон,  Берлины. Путин  хъуамæ бавзара саст æмæ Украина хъуамæ фæуæлахиз уа.  Мах хъуамæ баххуыс уæм Украинайæн, цæмæй фæныкæй сыста  æмæ  суа  с1æрмагонд фидæны  хицау.  Бадзырдтыл  Украина сыххæст кодта  мах цы къахдзæфтæ йын сæбæрг кодтам уыдон иууылдæр æм нæ райст уый тыххæй  уырны, цæмæй Евроцæдис  уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдтæ Украинаимæ хъуамæ райдайа  ацы мæйы кæронæй.   Президент Зеленски,  ай у  Украинайы сæндидзын кæныны фыццаг  конференци, кæцы  Евроцæдисы территорийыл цæуы æмæ растдæр уыцы бынат у, цы ран ис  уæ бæстæйы бынат.  Харьков Европæ у, Украина Европæ у æмæ нæ цæдис у  уæ хæдзар» – райхъусын кодта Урсула фон дер Ляйен.