Урсула фон дер Ляйен  хъусын кæны, цæмæй Украинайы электростанцæты æмæ инфраструктурæмæ Уæрæсейы бырстытæ терроистон акт  æмæ æфсæддон фыдракæнд у
Урсула фон дер Ляйен хъусын кæны, цæмæй Украинайы электростанцæты æмæ инфраструктурæмæ Уæрæсейы бырстытæ терроистон акт æмæ æфсæддон фыдракæнд у

Еврокомиссийы  президент Урсула фон дер Ляйен  хъусын  кæны, цæмæй Украинайы  электростанцæты  æмæ инфраструктурæмæ  Уæрæсейы ракетон хафтытæй æмæ дронтæй  бырстытæ   у терроистон акт  æмæ æфсæддон фыдракæнды æмиас у.

«Знон  ноджы иу хатт фестæм  æмбæстагон инфрасруктурæмæ  Уæрæсейы   хафтыты,  дырыс нысанæй, цæмæй зымæджы  æрбаввахсимæ иумæ, ныууадза нæлгоймæгты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты, элетроэнерги æмæ хъармæй цух. Уый у  сыгъдæг террор  æмæ йæ  афтæ хъуамæ схонæм», –   банысан кодта Урсула фон дер Ляйен.

Украинайы   президент Володимир Зеленски  цъус рæстæг  размæ   райхъусын кодта, цæмæй 10 октябры  фæстæ хуырыссаг тыхтæ Украинайы  электростанцæты 30  проценты бæрц скуынæг кодтой, кæцыйы тыххæй,   бæстæйы масштабæй   элеткроэнерги масштабонæй  раиу ис.