Урсула фон дер Ляйен хъусын кæны, цæмæй Украинайы электростанцæты æмæ инфраструктурæмæ Уæрæсейы бырстытæ терроистон акт æмæ æфсæддон фыдракæнд у
Еврокомиссийы президент Урсула фон дер Ляйен хъусын кæны, цæмæй Украинайы электростанцæты æмæ инфраструктурæмæ Уæрæсейы ракетон хафтытæй æмæ дронтæй бырстытæ у терроистон акт æмæ æфсæддон фыдракæнды æмиас у.
«Знон ноджы иу хатт фестæм æмбæстагон инфрасруктурæмæ Уæрæсейы хафтыты, дырыс нысанæй, цæмæй зымæджы æрбаввахсимæ иумæ, ныууадза нæлгоймæгты, сылгоймæгты æмæ сывæллæтты, элетроэнерги æмæ хъармæй цух. Уый у сыгъдæг террор æмæ йæ афтæ хъуамæ схонæм», – банысан кодта Урсула фон дер Ляйен.
Украинайы президент Володимир Зеленски цъус рæстæг размæ райхъусын кодта, цæмæй 10 октябры фæстæ хуырыссаг тыхтæ Украинайы электростанцæты 30 проценты бæрц скуынæг кодтой, кæцыйы тыххæй, бæстæйы масштабæй элеткроэнерги масштабонæй раиу ис.