Урсула фон дер Лайн æмæ Жозеф Борел Бучамæ ныццыдысты
Еврокомисы президент Урсула фон дер Лайн æмæ Евроцæдисы уæллаг бæрнон Жозеф Борел Бучамæ ныццыдысты, кæцыйы уырыссаг тыхтæ сабырадон æмбæстæгты ныццагътой.
Евроцæдисы лидертæ Украинамæ Полшайæ хæдтулгæйыл ныццыдысты.
«Ам цы æрцыд æнæрайгæ у. Мах федтам Путины армийы цæсгом, мах федтам æмбуалгъдзинад. Ам бучайы мах федтам куыд амардтой адæймагдзинад. Бучайы цæрджытимæ иумæ æнæхъæн дуне хъынцъым кæны.