Урсула фон дер Лайен – мах хъæуы сабырад тыхы фæрцы, уый тыххæй æз бавдисдзынæн хæцæнгарзы пълан Европæйы лидертæн, кæцы ифтонг кæндзæн 800 миллиард евройы инвестицитæ хъахъхъæнынады
Ацы æнахуыр рæстæджы хъæуы сæрмагонд мадзæлттæ. Тынг ахсджиаг у, цæмæй иумæ лæууæм. Уый у ахсджиаг момент Европæйæн æмæ Украинæйæн, куыд Европæйы бинонты хай, фехъусын кодта журналисттæн Еврокъамисы президент Урсула фон дер Лайен Евроцæдисы лидерты æнæнхъæлæджы саммиты размæ.
Урсула фон дер Лайены хъуыдымæ гæсгæ, Европæйæн йæ бон хъуамæ уа йæхи хъахъхъæнын.
«Европæйы раз лæууы ирд тæссагдзинад, æмæ уымæ гæсгæ Европæйæн йæ бон хъуамæ уа йæхи бахъахъхъæнын, афтæ мах дæр хъуамæ баххуыс кæнæм Украинæйæн йæхи бахъахъхъæнынæн, æххуыс кæнгæйæ æнæфæцудгæ æмæ рæстаг сабырадæн. Махæн хъæуы сабырад тыхы руаджы æмæ уый тыххæй абон ногæй æвдисын хæцæнгарзы пълан европæйаг лидертæн. Ацы пълан хихъахъхъæнады 800 миллиард евройы бæрц инвестици дары йæ зæрдыл. Уый уæнг бæстæтæн дæтты фискалон бынат хъахъхъæнынады инвестицитæ æрæвæрынæн. Уый уæнг бæстæтæн фадат дæтты, Украинæйы хъахъхъæнынады индустримæ инвестицитæ бакæной кæнæ та æфсæддон гæнæнтæ балхæной, кæцытæ Украинæмæ ацæудзысты. Уæдæ уый у Европæйы ногæй хæцæнгарзæй ифтонг кæныны пайда, уый у Европæйы Цæдисæн хотыхджын кæнын æмæ ма Украинæйы хотыхджын кæнын йæ суверенитеты, йæ территориалон æнæхъæндзинады сæраппонд æнæмæнгхъæуæг тохы. Абон нысаниуæгджын у равдисын, цæмæй мах лæууæм Украинæйы фарс, цалынмæ æнæмæнгхъæугæ у», – райхъусын кодта Урсула фон дер Лайен.