Урс Хæдзары  хъусын  кæнынц, цæмæй Уæрæсе  коммерцион спутниктæм куы бахъава, уæд АИШ сдзуапп кæндзæн Мæскуыйæн
Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй Уæрæсе коммерцион спутниктæм куы бахъава, уæд АИШ сдзуапп кæндзæн Мæскуыйæн

 

Урс Хæдзары  хъусын  кæнынц, цæмæй Уæрæсе  коммерцион  спутниктæ  куы ныххафа,  уæд АИШ Мæскуыйæн сдзуапп кæндзæн.

Уый фæдыл фидиуæн Националон æдасдзинады Советы  минæвар Джон Кирби сарызта.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ  АИШ-ы инфраструктурæмæ  бырстæн уыдзæн дзуапп.   Уый ма  афтæдæр банысан кодта, цæмæй ис алкæмæн рæувадат бæрæггæнæнтæ, ома Уæрæсе тырны  спутникты ныхмæ  технологитæ  самал кæнын.

Бакой уын кæндзыстæм уæдмæ  Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады  минæвар Константин Воронцов райхъусын кодта, цæмæй АИШ  æмæ йæ æмцæдисонтæ  гарзджын конфликты  пайда кæнынц  космосы уæвæг  æмбæстагон  инфраструктурæйæ, уый нымæцы  коммерцион  спутниктæй æмæ гæнæн ис, ацы  спутниктæ Уæрæсе банымайы легитимон нысæнттыл.