Урс Хæдзары хуъсын кæнынц, цæмæй Тайванмæ Нэнси Пелосийы визит нæ халы Китайы суверенитет æмæ «Иу Китайы» политикæйы принциптæ
АИШ-ы президент Джо Байдены администрацийы нæ фæнды, цæмæй Тайванмæ бæрзонд рангы америкаг политикы визит, Пекин æмæ Вашингтоны æхсæн суа конфликты аххосæй, уымæн æмæ хъаугъайæн ницы бындур ис, – уый фæдыл фидиуæн Урс Хæдзары националон æдасдзинады уынаффæгæнæг Джон Кибри сарызта.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ АИШ-ы минæвæртты палатæйы спикер Нэнси Пелосимæ уыдис бар, Тайванмæ визитæй ныццыдаит. Кибри куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ ацы визит нæ халы Китайы суверенитет æмæ Америкæйы дæргъвæтин «Иу Китайы» политикæйы принциптæ.
«Нæ нæ фæнды, цæмæй уый исты хуызы кризис кæнæ конфликтмæ айрæза. Уымæн ницы бындур ис», – райхъусын кодта Кибри.
АИШ-ы минæвæртты палатæйы спикер Нэнси Пелоси Тайванмæ знон ныццыд.