Урмас Реинсалу – статусы фæдыл уынаффæ хъуамæ бындурæвæрд уа  объективон критеритыл, кæд Гуырдзыстон сыххæст кæндзæн критеритæ, уæд Эстони  кæддæриддæр уыдзæн йæ фарсхæцæг
Урмас Реинсалу – статусы фæдыл уынаффæ хъуамæ бындурæвæрд уа объективон критеритыл, кæд Гуырдзыстон сыххæст кæндзæн критеритæ, уæд Эстони кæддæриддæр уыдзæн йæ фарсхæцæг

Эстонийы  фæсарæн хъуыддæгты министр, Урмас Реинсалуйы фидиуæнæй,   зæгъгæ  кæд Гуырдзыстон сыххæст кæндзæн  домæнтæ, уæд эстони кæддæриддæр фасрхæцæг уыдзæн, цæмæй бæстæйæн  Евроцæдисмæ фæндагыл   уа прогресс.

Реинсалуйы  фидиуæнæй,  Эстони æргомзæрдæйæ  йæ фарс  хæцы Гуырдзыстонæн.

«Кандидаты статусы тыххæй алы  уынаффæ  хъуамæ æнцой кæна объективон   критеритыл. Эстони  у æмæ уыдзæн   ацы  бæстæты  Евроцæдисмæ райсыны æргомзæрдæ фарсхæцæг, уыдон критеритæ  куы сыххæст кæндзысты уæд. Тынг нæ фæнды  политикон    æнтыст фенын  тæккæ  ацы аз.  Кæд Гуырдзыстон  критеритæ сыххæст кæндзæн, уый  нымæцы  Копенгагены  критери,  политикон  æмæ  демократон  гъæды æрдгæй дæр, уæд мæнмæ гæсгæйæ  ницы  типы фæиртæст  нал уыдзæн   Евроцæдисы æрдгæй», – райхъусын кодта  Реинсалу.