Украинайы, Уæрæсейы оккупацион тыхтæн Днепропетровскыл цы уæлдæфон бырст сыххæст кодтой, уый фæстиуæгæн 20-æй фылдæр адæймаг фæцæф
Украианйы Уæрæсейы оккупацион тыхты Днепропетровскыл сыххæст бырсты фæстиуæгæн 20-ы онг адæймаг æцæф ис. Цæрæн зонæйыл бомбæкалды фæстиуæгæн хæдзæрттæ базиан сты. Цæфты нымæцы ис сывæллæттæ. Бынатыл дарддæр кæны ирвæзынгæнæн операци.
Æхсæвы дæргъы Украинайы регионты уæлдæфон фæдисы сигнал райхъусын кодтой.
Украинайы æфсады генштабы информацийæ, хуырыссаг æфсæддæттæ цæрæн пунктты æмæ энергетикон обънкттыл ракетæтæй æмæ æнæпилот хæдтæхджытæй сыххæст кодтой бырст. Украинайы уæлдæфон тыхтæ цыппар ракетæ сæнæнзианхъом кодтой.
Украинайы æфсады генштабы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, уырыссаг æфсæддæттæ дарддæр кæнынц сæ сæйраг тыхархайды фокусирдзинад Луганскы æмæ Донецкы регионты æххæст оккупацийыл.
Ивгъуыд боны мидæг 23 æфсæддон быцæуæмбæлд æрцыд.
Алчи кæддæриддæр хъуыды кæнæм,ц æмæй нæ хъахъхъæнынады, нæ активон архæйдтытæ æмæ Украинвйы хæдбарад цыдæр абстрактон нæу. Уый у тынг конкретон адæймæгтæ, конкретон æхсарджынты архæйдтытæ, кæцыты фæрцы ис æмæ уыдзæн Украинаю. Мингай æмæ дæсгай мин нæ сеппæтæй æхсарджын, хъæбатыр адæймаг. Бузныг алкæмæн, чидæриддæр хæцы Украинайы тыххæй. Бузныг алкæмæн чидæриддæр хæстон позицитыл æмæ хæстон мисситы архайы. Бузхныг алкæмæн, чидæриддæр иудадзыг ахуыр кæны нæ æфсæддæтты æмæ алкæмæн, чидæриддæр хос кæны нæ хъайтартæн» – райхъусын кодта Украинайы президент Володимир Зеленски.