Украинайы уæлдæфон тыхты хъусинагæй, æхсæвы Украинайы фылдæр регионы, уæлдæфон фæдис уыдис
Æхсæвы Украинайы фылдæр регионы уæлдæфон фæдис уыдис. Украинайы уæлдæфон тыхты информацийæ Украинайы хъахъхъæнынады тыхтæ Уæрæсейæ фехсгæ 18 æнæпилотæй тæхæг аппаратæй 17-ы æрыппæрстой æмæ ма 17 ракетæ сæнæзианхъом кодтой.
Уыимæ, Украинайы гарзджын тыхты генералон штабы информацийæ, Украинайы хъахъхъæнынады тыхтæ иу бонмæ скуынæг кодтой 620 бырсæгы, знаджы 24 артиллерион системæ, 27 æнæпилотæй тæхæг аппарат æмæ æхсæз иуæг згъæртехникæ.