Украинайы уæлдæфон тыхты информацийæ, æхсæв Уæрæсе, Украинайыл 75 æнæпилотон аппарат фехста, уыдонæй 71 æрыппæрстой
Украинайы уæлдæфон тыхты информацийæ, æхсæв Уæрæсе, Украинайыл 75 æнæпилотон аппарат фехста, уыдонæй 71 æрыппæрстой
Уырысаг массивон бабырсты сæйраг нысан Киев уыд. 50 дрон ауагътой горæтыл, бабырст æхсæз сахат даргъ кодта.
Киевы мэр Виталий Кличкойы информацимæ гæсгæ, цалдæр æрыппæрстгонд дроны хæйттæ Киевы, бæрзондуæладзыгон хæдзарыл æрхаудысты. Фæцæф фонодз адæймаг, се æхсæн 11 аздзыд сыввæлон. Украинайы сæйраг сахары хаймæ рухс нæ уыд. Зианбаййæфтой электроенергийы адæтгæ телтæ.