Украинайы рагысгарæг куысты информацийæ, лыгъды уæвæг раздæры президент Виктор Янукович ныр Минскы ис æмæ йæ кремль цæттæ кæны спецоперацимæ
Украинайы рагысгарæг куысты информацийæ, лыгъды уæвæг раздæры президент Виктор Янукович ныр Белорусы сæйраг горæт Минскы ис æмæ йæ Кремль цæттæ кæны спецоперацимæ. Уый фæдыл Украинаг медиа бæстæйы рагысгарæг куыстыл нцойæ хъусын кæны.
Уæвæг хъусинагæй, иуæй-иу сценаримæ гæсгæй, бацархайдзысты Януковичы «Украинайы президентæй» банымайын.
Украинаг медиа хъусын кæны, цæмæй лæвæрд информаци уый амонæг у ома Кремлы æрдгæй, конкретон хуызы информацион операцийы, кæнæ архайды æнхъæлцау цæттæдзинад цæуы, экспрезидент Януковичы Украинамæ æрыздахыны кæнæ æввахс фидæны йæ номæй украинаг адæммæ сидты публикаицйы фæдыл.