Украинайы Радайы  сæрдар Руслан Стефанчук  дзуапп кæны Шалва Папуашвилийæн
Украинайы Радайы сæрдар Руслан Стефанчук дзуапп кæны Шалва Папуашвилийæн

Украинайы  Радайы  сæрдар Руслан Стефанчук  Гуырдзыстоны  парламенты  сæрдар  Шалва Папуашвилийæн  дæтты дзуапп.

Стефанчук  банысан кодта, ома Гуырдзыстоны  парламенты сæрдар  йæ хуынд Буча æмæ Ирпинмæ  «æнæранæй» схуыдта.

Стефанчукы  дзырдæй,  зæгъгæ Папуашвили  æнæранæй нымайы  Украинамæ ныццыд,  цалынмæ «Украинайы хицауады  хицæн минæвæрттæ æххæстæй нæ бамбардзысты  уыцы  фидар фарсмæлæуд» кæцыйы Гуырдзыстон Украинайæн æвдисы, фарсхæцыны цæвиттоныл нымад цæуы   æхсæнадæмон аренæйыл  хъæлæскæнын.

Украинайы Радайы срдары  фидиуæнæй,  Киев аргъ кæны  цыфæнды  фарсхæцынæн, кæцы йын ис  æндæр  бæстæтæй. Афтæма  йæ  дзырдæй  зæгъгæ  Украина  бæрзонд аргъ кæны  æмæ   кæддæриддæр кодта, æфсымæрон  гуырдзыйаг  адæмæй  хæларзæрдæ  фарсхæцын.

«Зонæм, цæмæй  гуырдзыйаг адæм кæддæриддæр сты  зæрдæргом,  æхсарджын æмæ  сахъхъ  хæцджытæ. Бирæтæ сæ  абон Украинайы  хъахъхъæнджыты  фарсмæ  сты æмæ  хæцынц Украинайы тыххæй,  Уæрæсейы агрессийы ныхмæ, афтæ, куыд  бирæ  украинаг  лæууыд   гуырдзыйæгты фарсмæ 2008  азы уыцы  Уæрæсейы  ныхмæ, кæцы  агайы  уæ  хæдбардзинад, уæ территориты  хай  аныхъхъуырдта æмæ ныццагъдта  уæ  адæмы. Уæрæсеимæ уæ  быцæудзинады  фыццаг бонтæй, Украина æххуыс кодта Гуырдзыстонæн: куыд политикон, афтæ  информацион, æхсæнадæмон  æмæ  æфсæддон æмвæзадыл. Æрмæст уын бакой  кæндзынæн, цæмæй  украинаг  уæлдæфон  иргъæфы  системæты («БУК», «ОСА»ы) фæрцы, сымах хъахъхъæдтат уæ  уæларв. Фæлæ мах  æххуысы бæрц нæ  кæрæдзиимæ нæ барæм.  Æххуыс кæддæриддæр хъуамæ  уа  хæларзæрдæйæ.  Æмæ  чидæриддæр афтæ æххуыс кæны,  архайы  афтæ,цæй фадæттæ йын дæтты уавæр, цæсгом æмæ  хæсы æнкъарæн.  Иунæг, цыдæриддæр мæм хъыгаг  æнкъарæн æвзæрын кæны у  фарст: раст у æви нæ  «æдзæсгомæй» схонын  хуынд, цæмæй ныццæуæм  хæлар бæстæмæ æмæ  фенæм   йæ æнамонддзинад,  цы фыдбылызы  ис уый, æмæ йын фарсхæцын   равдисын?   Мææ хъуыдымæ гæсгæ,  хæлар уыдæттæ  хъуамæ  сараза æнæхуындæй» – фыссы  Украинайы  Радайы  сæрдар.