Украинайы Радæйы æмæ Хорватийы парламенты сæрдæрттæ, Хъырымы платформæйы саммиты хайад райсыны тыххæй Шалва Папуашвилийæн арфæ кæнынц
Украинайы Бæрзонддæр Радæйы æмæ Хорватийы парламентты сæрдæрттæ, Хъырымы æхсæнадæмон платформæйы фыццаг парламентон саммиты хайад райсыны тыххæй, Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилийæн арфæйы фыстæг рарвыстой.
Руслан Степанчук æмæ Гордан Яндроковичы фыстæджы тæлмац публикаци кæны Гуырдзыстоны парламенты прескуыст.
«Уырнæг стæм, цæмæй нæ арызт фидиуæнтæ Дунемæ, дардæл хъуыстысты. Нæ æнæцудгæ иудзинад Украинайы ныхмæ Уæрæсейы агрессийы фæдыл, нæ хъæддых солидарондзинад Украинаимæ æмæ украинаг адæмимæ, нæ æнæцудгæ фарсхæцын Украинайы хæдбарад, суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм æмæ нæ æргомдзинад Укринайы фарсхæцæгн парламентон механизмтæ бакусынæн. Мах афтæдæр равдыстам ахæм иумæйаг аргъдзинæдтимæ иузæрдыгдзинад, цахæмдæр сты сабырдзинад, демократи, закъоны сæйрагдзинад, адæймаджы барты æмæ фундаментон сæрибардзинæдтæн цытлæвæрд.
Уыимæ, саммит нын ратта фадат, сбæлвырд кодтаиккам æнæбанымады политикæимæ разыдзинад æмæ бафаудтаиккам Хъырымы автономион Республикæйы, горæт Севастополы æмæ Украинайы æндæр территориты рæстæгмæ оккупаци æмæ æнæзакъонон анекси. Загребы нæ иумæйаг декларацийы æргомæй у лæвæрд: фæнысангонд у комкоммæ быцæусидт æхсæнадæмон æдасдзинадæн, кæцы æхсæнадæмон барадон сæрфадæн уæззау фæстиуджытæ расайæг суыдзæн», – банысангонд у 31 октябрæй датæгонд фыстæджы.