Украинайы полицийы информацийæ, Одессæйы Уæрæсейы бабырсты фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг æмæ фæцæф сты дæс адæймаг
Украинайы полицийы информацийæ, Одессæйы Уæрæсейы бабырсты фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг æмæ фæцæф сты дæс адæймаг

Уæрæсейы бабырсты фæстиуæг Одессæйы иу адæймаг фæмард æмæ дæс адæймаг фæцæф сты. Ай фæдыл информаци Украинайы националон полици парахат кæны.

Полицийы информацийæ, Уæрæсе горæты центрмæ ракетæтæ æмæ дронтæй стыр бабырст сарæзта. Бахъыгдард сты кувæндон, цæрæн хæдзæрттæ, дуканитæ, сæйраг хъармдæттæн хæтæл æмæ хæдтулгæтæ.

Фæцæфгондты æхсæн ис иу сывæллон дæр.

Фæстаг æхсæвы дæргъы Уæрæсейы æфсæдтæ Украинæйы æрдæм æруагътой дыууæ авиацион ракетæ æмæ 29 дроны. Украинæйы уæлдæфон тыхты бон ссис скуынæг кæнын иу ракетæ æмæ 25 дроны.