Украинайы минæварады бæрзонд гæс-  Украина æмæ Гуырдзыстон æфсымæрон нацитæ сты, кæцытæ иумæ  бавзæрстой  агресси  Уæрæсейы  æрдгæй,  æрмæст иумæ у нæ бон уæвæг уавæрыл фæтыхуын
Украинайы минæварады бæрзонд гæс- Украина æмæ Гуырдзыстон æфсымæрон нацитæ сты, кæцытæ иумæ бавзæрстой агресси Уæрæсейы æрдгæй, æрмæст иумæ у нæ бон уæвæг уавæрыл фæтыхуын

Райын  Гуырдзыстоны Национ Банкы архæйдтытæй, кæцытæ  дарддæр кæнынц  архæйдты координаци  Европаг банктимæ  æмæ бавдыста фидар  санкцитæ  Уæрæсейы банкты  ныхмæ,  æнхъæлмæ кæсæм Гуырдзыстоны  хицауадæй   дарддæры къахдзæфтæм –  уый фæдыл Гуырдзыстоны Украинайы минæварады кусæг, Андрей Касанов  брифнгыл райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, Уæрæсейы  агрессийы  фæстиуæгæн  ис дыуу милуан  украинаг  лигъдон.  Украинайы минæварады кусæгы  дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстоны  хицауад æмæ  бынæттон  хæдуынаффæтæ   аразынц алцыппæт, цæмæй сифтонг кæной  алы гæнæн  æххуысæй   Украинайы  мбæстæгты, кæцытæ тыхыбын сты  цæрæнуаттæ  ныууадзын.

Уыимæ, Андрей Касанов  Гуырдзыстонæн Украинамæ  гуманитарон  æххуысы  тыххæй  раарфæ кодта.

Афтæма йæ  информацийæ,  абоны боны  бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстонæй  Украинамæ  æмтгæй райсгæйæ 275  тоннæ  гуманитарон  æххуыс  уыд æрвыст.

«Уынæм цæмæй  гуырдзиаг адæм  сæ  хъус дарынц  фæзындты  айтынгмæ  Украинайы.  Уадзынц  бирæнымæцон рацыдтæ  Гуырдзыстоны  горæтты æмæ  цæрæн пунтктты, цæмæй  дæр æвдисы солидарондзинад   Украина æмæ украинаг адæмимæ.

Украина æмæ Гуырдзыстон сты æфсымæрон  нацитæ, кæцытæ  сæхиуыл бавзæрстой  агресси Уæрæсейы æрдгæй  æмæ сæ  ацы æнамонддзинад иу кæны.  Украина æмæ Гуырдзыстонæн æрмæст иумæ у сæ бон  сырæзт  уавæры сæрты ахизын.  Уый тыххæй  сидын алкæмæ, алы  æмвæзадыл, иудзинадмæ æмæ иумæйаг архæйдтытæм, Уæрæсейы гуымиры  агресси бауромынæн. «Слава Украини»  «Слава Грузии» – «Украинас гаумарджос, «»Сакартвелос Гаумарджос»-  ацы ныхстæй фæцис Украинайы минæварады гæс  Андрей Касанов  йæ брифинг.