Украинайы минæварады бæрзонд гæс- Украина æмæ Гуырдзыстон æфсымæрон нацитæ сты, кæцытæ иумæ бавзæрстой агресси Уæрæсейы æрдгæй, æрмæст иумæ у нæ бон уæвæг уавæрыл фæтыхуын
Райын Гуырдзыстоны Национ Банкы архæйдтытæй, кæцытæ дарддæр кæнынц архæйдты координаци Европаг банктимæ æмæ бавдыста фидар санкцитæ Уæрæсейы банкты ныхмæ, æнхъæлмæ кæсæм Гуырдзыстоны хицауадæй дарддæры къахдзæфтæм – уый фæдыл Гуырдзыстоны Украинайы минæварады кусæг, Андрей Касанов брифнгыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, Уæрæсейы агрессийы фæстиуæгæн ис дыуу милуан украинаг лигъдон. Украинайы минæварады кусæгы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хицауад æмæ бынæттон хæдуынаффæтæ аразынц алцыппæт, цæмæй сифтонг кæной алы гæнæн æххуысæй Украинайы мбæстæгты, кæцытæ тыхыбын сты цæрæнуаттæ ныууадзын.
Уыимæ, Андрей Касанов Гуырдзыстонæн Украинамæ гуманитарон æххуысы тыххæй раарфæ кодта.
Афтæма йæ информацийæ, абоны боны бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстонæй Украинамæ æмтгæй райсгæйæ 275 тоннæ гуманитарон æххуыс уыд æрвыст.
«Уынæм цæмæй гуырдзиаг адæм сæ хъус дарынц фæзындты айтынгмæ Украинайы. Уадзынц бирæнымæцон рацыдтæ Гуырдзыстоны горæтты æмæ цæрæн пунтктты, цæмæй дæр æвдисы солидарондзинад Украина æмæ украинаг адæмимæ.
Украина æмæ Гуырдзыстон сты æфсымæрон нацитæ, кæцытæ сæхиуыл бавзæрстой агресси Уæрæсейы æрдгæй æмæ сæ ацы æнамонддзинад иу кæны. Украина æмæ Гуырдзыстонæн æрмæст иумæ у сæ бон сырæзт уавæры сæрты ахизын. Уый тыххæй сидын алкæмæ, алы æмвæзадыл, иудзинадмæ æмæ иумæйаг архæйдтытæм, Уæрæсейы гуымиры агресси бауромынæн. «Слава Украини» «Слава Грузии» – «Украинас гаумарджос, «»Сакартвелос Гаумарджос»- ацы ныхстæй фæцис Украинайы минæварады гæс Андрей Касанов йæ брифинг.