Украинайы хъахъхъæнынады  министры  хæдивæг  -  Мариуполы химикон  хæцæнгарзæй  спайдайы фæдыл информаци  басгæрст цæуы, гæнæн ис уыдаит фосфоры хæцæн æрмæг
Украинайы хъахъхъæнынады министры хæдивæг - Мариуполы химикон хæцæнгарзæй спайдайы фæдыл информаци басгæрст цæуы, гæнæн ис уыдаит фосфоры хæцæн æрмæг

Украинайы  хъахъхъæнынады министрады  хъусын кæнынц, цæмæй  Мариуполы, химикон  хæцæнгарзæй  спайдайы фæдыл информаци  рабæлвырд кæнын архайынц.

Украинайы хъахъхъæнынады  министры  хæдивæг  Анна Маляр  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,  гæнæн ис  уый уыд   фосфорæй  хæцæн æрмæг.

«Мах ныр  архайæм информаци рабæлвырд кæнын.  Архайæм бамбарын,  цы  фехстой.  Развæлгъау æнхъæлцæй, гæнæн ис  уыдаит фосфорæй   хæцæн æрмæг.  Кæронбæттæн официалон информаци цъус фæстæдæр  фехъусын кæндзыстæм», – райхъусын кодта  Маляр.

Бакой уын кæндзыстæм, «Азовы  Полк» ахæлиу кодта  информаци,  ома  Уæрæсейы  тыхтæ  Мариуполы  химикон хæцæнгарзæй  спайда кодтой æмæ  хъæстæйы   нысæнттæ  æртæ  адæймагæн   сбæрæг сты. Уыимæ, Украинаг медийы  хуъсинагæй, уырыссаг оккупанттæ  химикон  хæцæнгарзæй Мариуполы,  завод «Азовсталы»  спайда кодтой.