Украинайы  Иудзинады боны фæдыл, Батумы централон паркы  ацыд  солидарондзинады акци
Украинайы Иудзинады боны фæдыл, Батумы централон паркы ацыд солидарондзинады акци

 

Украинайы  Иудзинады Боны фæдыл  Батумы  централон   паркы  солидарондзинады акци ацыд. Акцийыл  Ачъарайы  цæрæг  Украинайы   æмбæстæгтимæ  иумæ, бынæттонтæ  æмæ  Белорусы  цалдæр  æмбæстаг  дæр  уыд.

«Æрвылбойнонæй  æнаххос адæймæгты цæгъдынц  тероррист Путин æмæ йæ  дæлбар уæнгтæ. Ацы монстры  абырсынæн, хъæуы  фылдæр хæцæнгарз. Курæг стæм   хæлар бæстæтæй,  фылдæр хæцæнгарз  бадæттæт  Украинайæн», –  райхъусын кодта акцийы  иуæй-иу  хайадисæг.

Акцийыл   символонæй  æмæ  арфæйы  нысанæн, уыцы бæстæты   тырысатæ райтыгъдтой, кæцытæ  Украинайæн   йæ фарсмæ  лæууынц.