Украинайы горæт Днипройы 4  июл уыдзæн маройы  бон
Украинайы горæт Днипройы 4 июл уыдзæн маройы бон

Украинайы горæт Днипройы  4 июл   маройы  бон уыдзæн.

Уæрæсейы  тыхты горæтыл сæххаст  хафты   фæстиуæгæн фæстаг  бæрæггæнæнтæй,  фондз адæймаг  амард, 34 та фæцæф сты. Информаци уый фæдыл   Украинайы  президент  Володимир Зеленски  хъусын кæны социалон хызæгты.

Днипройы меры  Борис Филатовы  фидиуæнæй, бырсты  фæстиуæгæн   базиан ис  дыууæ скъола, æртæ  рæвдауæндон æмæ медицинон уагдон.

Днипройыл  хафты фæстæ Украинайы  президент Володимир Зеленски  ныгуылæйнаг  æмцæдисонтæм æрсидтис æмæ Киевæн   уæлдæфон иргъæфы  системæты  алæвæрд сæ æркуырдта.

«Ацы уырыссаг терроры бауромын  æрмæст иу цæмæндæр у йæ бон – уæлдæфон иргъæфы  нырыккон  системæтæн æмæ нæ  хæстæрмæгы  дард дистанцийыл  архайын.  Дунейæн йæ бон у   адæймæгты  цард баиргъæвын  æмæ уый тыххæй  хъæуы  лидерты хъæддыхдзинад, кæцы лидертæн сæ бон у  æмæ æнæмæнгæй хъуамæ  скæной нормæйæ террорæй æдасдзинад», –  банысан кодта Зеленски.