Украинайы генштабы хъусинагæй, уырыссаг æфсæддæ æххæст кæнынц бырсæн операцитæ Бахмуты, Авдеевкæ æмæ Лиманы æрдæм
Уырыссаг æфсæддæ æххæст кæнынц бырсæн операцитæ Бахмуты, Авдеевкæйы æмæ Лиманы æрдæмадæй; афтæма архайынц фæхуыздæр кæнын сæрмагонд тактикон позици Купянскы æрдæмадæй, – уый фæдыл банысангонд у Украинайы æфсады ге6нштабы хыгъдлæвæрды, кæцыйы украинаг медиа публикаци кæны.
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ Уæрæсейы Федераци йæ хъусдард цырын кæны Донецкы зылды администрацион арæнтæ бацахсынмæ, фæлæ йæм ницы æнтыст ис.
Украинайы æфсады генштабы хъусын кæнынц, цæмæй Укркаинайы масштабæй критикон инфраструктурон объекттæм ныхмæлæууæджы уæлдæфон æмæ ракетон хафты тас ис. Украинайы гарзджын тыхты ракетон æмæ артиллерион хайадтæ, фæстаг иу боны мидæг хуырыссаг æфсæдды дыууæ концентрацион зонæйыл бомбæкалд сыххæст кодтой.