Украинайы генштабы хъусинагæй, Украинайы гарзджын тыхтæ ивгъуыд æхсæв-боны мидæг Бердянскы æрдæмадæй иу километры бæрц дæрццæг размæ ацыдысты
Украианйы генштабы хъусинагæй, Украинайы гарзджын тыхтæ ивгъуыд æхсæв-боны мидæг Бердянскъы æрдæмадæй, 500 матрæй иу километры онг фæразмæ сты. Украинаг медиайы хуъсинагæй, уый фæдыл Украинайы гарзджын тыхты генералон штабы минæвар, Андрей Ковальов фехъусын кодта.
Афтæма йæ хъусинагæй, украинаг æфсæддæттæ æртæ квадратон километры онг фæзуаты территорийыл сфидар кодтой контроль.
Уый æддæмæ ма, Украинайы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Анна Маляр хъусын кæны, цæмæй Украинайы тыхтæн ис æнтыстытæ ивгъуыд æхсæв-боны мидæг Бахмуты æрдæмадæй, Берховскы донмарæны районы, афтæма Торецкы æрдæмадæй.