Украинайы генштаб – Украина æмæ Уæрæсейы æфсæдды æхсæн ивгъуыд 24 сахаты дæргъы фронты æххæст хаххыл 80 быцæуæмбæлд æрцыд
Украинайы æмæ Уæрæсейы æфсæддты æхсæн ивгъуыд 24 сахаты дæргъы фронты æппæт хаххыл 80 быцæуæмбæлд æрцыд, – уый фæдыл банысангонд у Украинайы æфсады генштабы раныхасы.
Украинайы æфсады генштабы хъусын кæнынц, цæмæй Уæрæсейы æфсады сеппæтæй бæрзонддæр активондзинад Маринкæйы æмæ Авдеевкæйы æрдгæй фиксир кæны, Уæрæсейы æфсæддон хайадтæ горæт Авдеевæйы æрхъула кæнын архайынц.
Украинайы генштабы хъусинагæй, Бахмуты æрдæмадæй Украинайы æфсæддæттæ знагы дæс бырсæнцыды ныхкъуырд скодтой, афтæма сæ хъусинагæй, Уæрæсейы æфсад активонæй архайы авиацийæ.
Параллелонæй, Украинаг медиа фыссы, цæмæй бæстæйы æфсад дарддæр кæны бырсæн операцитæ Лиман-Кпянскы æрдæмадæй, цы ран ивгъуыд 24 сахаты дæргъы скуынæг ис Уæрæсейы æфсады 200-ы онг æфсæддон æмæ 50-ы онг иуæг æфсæддон техникæ.
Медиайы хусинагæй, ивгъуыд боны дæргъы Украинайы гарзджын тыхты авиаци 10 хафт сыххæст кодта оккупантты персоналы, хæстæрмæгы æмæ æфсæддон техникæйы æмбырды рæтты.