Украинайы  гарзджын тыхты сæргълæууæг  райхъусын кодта Харьков æмæ Изюмы æрдæмадтыл хъахъхъæнынады тыхты  контрбырсæнцыдмæ  ахизыны фæдыл
Украинайы гарзджын тыхты сæргълæууæг райхъусын кодта Харьков æмæ Изюмы æрдæмадтыл хъахъхъæнынады тыхты контрбырсæнцыдмæ ахизыны фæдыл

Украинайы гарзджын тыхты  сæргълæууæг  Валери Залужный, Харьковы æмæ   Изюмы æрдæм  Украинайы  хъахъхъæнынады  тыхты  контрбырсæнцыдмæ ахизыны тыххæй райхъусын кодта.

Йæхæдæг Залужный «Телеграмм» каналыл куыд фыссы афтæмæй,   уый фæдыл  уый  АИШ-ы  гарзджын тыхты  штабты хистæрты  иугонд комитеты сæрдаримæ, инæлар Марк Млисимæ ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.

Залужный куыд банысан кодта афтæмæй,  уый традиционæй   америкаг  коллегæйæн бавдыста  информаци оперативон  уавæры фæдыл.  Сæрмагондæй та, ныхмæлæууæджы сæйраг  тыхархайды Луганскы  æрдæмадæй   змæлды фæдыл. Йæ  хъусинагæй,  интенсивон  тох  дарддæр кæны  Попаснаяйы, Кременнаяйы æмæ Торскы  районы.  Уыйимæ Украинайы хъахъхъæнынады  тыхтæ  контрбырсæн  архæйдтытæм рывнæлдтой  Харьковы æмæ Изюмы æрдæм.

Залужныйы хъусинагæй, уырыссаг агрессортæ базырджын  ракетæтæ æхсын райдыдтой, кæцыйы  сæйраг нысан у Украинайæн æфсæддон-техникон  æххуыс ифтонгады   логистикон  фæндæгтæ скуынæг кæнын.