Украинайы, фæстаг иу суткæйы дæргъы, коронавирусæй инфицирады 833 ног цау рабæрæг ис, амард 23 пациент

10:27, 23.06.2020

Украинайы,  фæстаг æхсæв-боны мидæг,  коронавирусæй   инфицирады  833  цау  рабæрæг ис. Украинаг медиа  куыд хъусын кæны,  афтæмæй,    «Ковид-19»-æй  фæстаг 24  сахаты мидæг  бæстæйы  амард  23  фæрынчынуæвæг.

Украинайы  æмтгæй райсгæйæ,  рабæрæг ис  – коронавирусы  39 074  бæлвырд  цау  сты  фиксир гонд, фæмард 1035  адæймаг.

Фæстаг 24 сахаты мидæг Украинайы,  коронавирусæй фæрынчынуæвджытæй,  кæмæн схос кодтой,  уыдоны нымæц  314-йæ  фæфылдæр ис æмæ,  æмтгæй райсгæйæ, 16  956-мæ  ахæццæ ис.

Хуыздæр