Украинайы делегацийы къухдариуæггæнæг Евросоветы парламентон ассамблейы куысты хайад райсдзæн уазæджы статусæй

Евросоветы  парламентон ассамблейы  Украинайы   делегацийы  къухдариуæггæнæг   Елизавета  Ясько  ассамблейы  куысты  хайад, уазæджы  статусæй райсдзæн.  Рауагъдад  «Элбе»-имæ  интервьюйы   Ясько райхъусын кодта, цæмæй  цæттæ  у   Уæрæсейы  делегацийæн йæ ныхмæ  иунæгæй  дæр слæууа.

«Цæуын æнæофициалон  визитæй.   Делегацийы  къухдариуæггæнæджы  рангы, фæлæ мын  нæй статус æмæ  æххæст бартæ.  Уазæджы статусæй   уыдзынæн.   Плангонд мын у бирæ  фембæлд, алкæйимæ хъуамæ  базонгæ уон, æмæ алцыппæт хъуамæ  бацахуыр кæнон», – райхъусын кодта депутат.

Украинайы  делегаци Евросоветы  парламентон ассамблейы  фæззыгон   сессийы   хайад райсыныл нæзагъд ракодта. Киевы  дзурынц, цæмæй  уый  у дзуапп   Евросоветы  парламентон  ассамблеймæ Уæрæсейы æрыздахыныл.   Евросоветы   парламентон ассамблейы  фæззыгон  сесси  30 сентябрæй  4  октябры  онг цæудзæн.