Украинайы  цалдæр горæтыл уырыссаг  оккупанттæ ракетон  бырстытæ ракодтой
Украинайы цалдæр горæтыл уырыссаг оккупанттæ ракетон бырстытæ ракодтой

Боныцъæхыл  уырыссаг оккупанттæ  Украинайы  горæт  Николаевыл  бомбæкалды  сыххæст кодтой.  Информаци хъусын кæны украинаг медиа.  Бырсты  фæстиуæгæн  горæты супермаркеттæй  сæ иу  басыгъд.

Дыууæ фидар  стынд уыдис Харьковы дæр.   Горæт æмæ  зылды   уæлдæфон  фæдисы  сигнал   зæгъæн ис æнæхъæн æхсæв хъуыстис. Ахæлиугонд информацийæ оккупантты  бырсты  фæстиуæгæн амæттаг нæй.

Ракетон  бырст уыд Днепропетровскы   зылды дæр. Фæстиуæгæн    скуынгæ сты  аргъуан æмæ  рæвдауæндон.