Украинайы  АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Дональд Трампы фæзылынджын кодта Владимир Зеленскимæ хъомыс дарыны
Украинайы АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Дональд Трампы фæзылынджын кодта Владимир Зеленскимæ хъомыс дарыны

Украинайы  АИШ-ы  минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Дональд Трамп фæзылынджын кодта  Владимир Зеленскимæ  хъомыс дарыны. Уый фæдыл  хъусын кæны «Вашингтон Пост».

Америкаг  рауагъдады   хъусинагæй,   Конгрессы  дзырдæй ралæуды рæстæджы  Уильям Тейлор  райхъусын кодта цæмæй,  АИШ  Украинайæн   æххуыс адарддæр кæнын хъавыд  æрмæстдæр Байдены  ныхмæ  фæдæвзарæн  райдайыны цауы.

Минæвæртты палатæйы   æхгæд  хъусыныл дипломат райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ   фæнысангонд хъусинæгтæ  цъус рæстæг размæ  Евроцæдиси  АИШ-ы минæвар, Гордон  Сондланд бавдыста.Уильям Тейлоры  дзырдæй,   фæнысангонд  фарста   сентябры  уагъд телефонон ныхасы  рæстæджы  æркастысты.  Уыйимæ иумæ,  дипломат   банысан кодта, цæмæй   ацы  информаци  æндæр америкаг  бæрзонд гæстæ дæр сбæлвырд кодтой.

Тейлоры ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  Урс Хæдзармæ  Украинайы  президент   Владимир Зеленскийы бахонын нæ тагъд кодтой,  цæмæй  Украинайы  фæд æвзарынмæ æрывнæлдтаиккой.

Йæхæдæг Дональд Трамп  йæ ныхмæ райдайгæ  импичменты  процедурæ схуыдта  линчы æъдауæй æфхæрдæй. Фæнысангонд  фидиуæны тыххæй,  Урс Хæдзары лидер  критикæ   сæрмагонд партийы  уæнгтæй  дæр райста.

АИШ-æ  Украинайæн  рауæлдайгонд  æфсæддон æххуыс, кæцы 400  милуан  доллары  бæрц  уыд,  сентябры баурæдта.  Йеуæд америкаг  рауагъдадты хай, разагъдтой сæ хъуыдытæ, цæмæй  зæгъгæ дональд Трамп  фæнысангонд къахдзæф  Украинайы  президент Владимир Зеленскимæ бандавыны  тыххæй  сарызта, цæмæй  Украинайы  Байдены  бинонты ныхмæ  фæд æвзарын райдыдтаиккой.

Масштабон  политикон  скандал  АИШ-ы  уый фæстæ   сæвзæрд,  Дональд Трампы æмæ  Владимир Зеленскийы  телефонон ныхасы стенограммæ публикацигонд куы æрцыд уæд, цæй фæстæ дæр  АИШ-ы демократтæ   Урс Хæдзары  лидеры ныхмæ, импичменты процедурæмæ æрывнæлдтой.