Украинайы æфсады иуæй-иу дæлхайады информацийæ, Донецкы  зылды  цæрæн пункт  Благодатне ссæрибар кодтой
Украинайы æфсады иуæй-иу дæлхайады информацийæ, Донецкы зылды цæрæн пункт Благодатне ссæрибар кодтой

Украинаг æфсæддæттæ  хъусын кæнынц, цæмæй  Донецкы   зылды  цæрæн пункт  Благодатне  ссæрибар кодтой.  Æмбæлгæ  информаци æмæ видеоæрмæг  Украинайы  æфсады  иуæй-иу  дæлхайад  публикаци скодта.

Социалон хызаг «Фейсбукы»  68-æм  бригадæйы  фарсыл дзырдæуы, цæмæй  Благодатнейы ссæрибары  операцийы рæстæджы  уацары скодтой  уырыссаг æфсæдды.

Видеоæрмæджы зыны, цæмæй  æфсæддæттæ   æрдæгкалд бæстыхаймæ бацыдысты æмæ уым   уæлæм  систой  Украинайы тырыса.

Благодатне  у  цæрæ пунт Велика Новослекамæ  хæстæг, цы  ран уырыссаг æмæ украинаг  равзæрæнты информацийæ,  дарддæр кæны  Украинайы  гарзджын тыхьы   бырст.  Ацы цæрæн  пункт  Донецкы æмæ  Запорожьейы  администрацион  арæнмæ хæстæг  лæууы.