Украинайы æддагполитикон уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй Украинайы порты инфратруктурæмæ  бырсты рæстæджы  уырыссаг æнæпилот тæхæн аппарат Румынийы территорийыл æрхаудта
Украинайы æддагполитикон уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй Украинайы порты инфратруктурæмæ бырсты рæстæджы уырыссаг æнæпилот тæхæн аппарат Румынийы территорийыл æрхаудта

Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад  спикер  райхъусын кодта, цæмæй цæугæдон  Дунайыл  уæвæг порты инфраструктурæмæ  бырсты рæстæджы, уырыссаг   æнæпилот тæхæн аппарат Румынийы  территорийыл  æрхаудта.

Уый фæдыл Олег Николенко  фыссы социалон хызагы.

«Украинайы  паддзахадон  арæйнон   куысты  информацийæ, абон æхсæв Измаилы  порты территорийыл   Уæрæсейы  масивон  бырсты  рæстæджы, Румынийы  территорийыл  æрхаудта «Шахед».   Уый у ноджы иу   бæлвырдгæнæн, ома уырыссаг ракетон террор   стыр  тас хæссы æнæрмæст Украинайы  æдасдзинадæн, фæлæ ма сыхаг бæстæты, сæ нымæцы НАТО-ы  уæнг  паддзахадты æдасдзнадæн», –  фыссы Николенко.

Украинайы фæсарæйн хъуыддæгты министрады спикер  ныгуылæйнаг партнертæм æрсидтис, цæмæй фæтагъд кæной  уæлдæфон иргъæфы  системæты Украинайæн  алæвæрд.

«Нæ сидт партнертæм у уый мидæг цæмæй фæтагъд кæной  Украинайæн   уæлæмхас  нырыккон  ракетыныхмæ системæты  æмæ уæлдæфы ныхмæ  иргъæфы  системæты  алæвæрд, афтæма  хæстон авиацийæ ифтонгад, кæцы  стынг кæндзæн  Украинайы  инфраструктурæйы æмæ сыхаг бæстæты иргъæф», –  банысан кодта Николенко.