Украинайæ Польшæмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты аласынæн радон спец-рейстæ  30 марты сыххæст уыдзæн
Украинайæ Польшæмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты аласынæн радон спец-рейстæ 30 марты сыххæст уыдзæн

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн   специалон  информаци  хъусын кæны.

«Бакой  уын кæндзыстæм,   цæмæй Украинайæ Польшæйы æрдæм Гуырдзыстоны æмбæстæгты раконды нысанæй,   Гуырдзыстоны  хицауад  рахаста  уынаффæ  æмæ  фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ координацигондæй, снысан кодта автобусы  специалон   рейстæ г. Львовæй.

Автобустæ  Львов-Варшавайы æрдæмадæй,  уæлмхасæй ацæудзæн 30  марты Украинайы  рæстæгæй  09:00 сахатыл.

Адрис: Львов, Университетска №1, Ивано-Франкивы  парк, Львовы Националон Университеты æрдгæй.

Автобустæ нымад сты 50 адæймагыл, цæрджыты сабырадон эвакуацийы нысанæй, æнæмæнгхъæугæ у  рагагъоммæ  ныффыссын номыртыл: +380 (63) 376 77 68; +380 (63) 376 73 64» – банысангонд у  информацийы.

Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны хъусинагæй, Украинайы  айтынггонд хæстон уавæры тыххæй,  Гуырдзыстоны дипломатон миистæ Кыивы,Лвов æмæ Одессайы, дарддæр кæнынц  уæлвæтк 24 сахатон режимæй кусын æмæ æххуыс кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Украинайы  территори  ныууадзын æмæ гуманитарон æрдгæй.