Украинаг медийы  хъусинагæй,  Харьковы амардтой уырыссаг генералы
Украинаг медийы хъусинагæй, Харьковы амардтой уырыссаг генералы

Харьковы уырыссаг генерал –майор  Витали Герасимовы фæмард кодтой.  Фæнысангонды тыххæй   информаци украинаг медиа  Укаинайы  хъахъхъæнынады министрады  рагысгарæг сæйраг уагдоныл æнцойæ  хъусын кæны.

Ахæлиугонд хъусинагæй,  Уæрæсейы  Федерацийы  41-æм  армийы  генерал-майор Витали Герасимов, Цæцæны  дыккаг хæсты, Сирийы æфсæддон операцийы  æмæ Хъырымы анексийы  дæр иста хайад.

Уыимæ «ВВС» куыд фыссы афтæмæй,   генерала  марындзинады фæдыл  Украинааг медийы ахæлиугонд информацийы  тыххæй   уырыссаг фарс  нырма комментари нæ  ратта.