Украинаг медиайы хъусинагæй, уырыссаг тыхтæ Херсоны рынчындоны æвгъæддон хайадыл бомбæкалд ракодтой
Уырыссаг оккупанттæ Херсоны рынчындоны æвгъæддон хайадыл бомбæкалд ракодтой. Бырсты фæстиуæгæн ничи базиан ис.
Æмбæлгæ информацийы, украинаг медиа Украинайы президенты офисы къухдариуæггæнæгыл Кирилл Тимошенкойыл æнцойæ хъусын кæны.
«Херсон. Уырыссæгтæ бомбæкалд ракодтой рынчындоны æвгъæддон хайадыл. Уыцы бынатыл, цы ран абон дыууæ сывæллон райгуырд. Бырсты размæ дохтыртæн бантыст операци скæнын. Хайады фондз сылгоймаг ис», – хъусын кæны Тимошенко.