Украинаг  медиайы  хъусинагæй,  Краматорскыл   уырыссаг   ракетон   бырсты фæстиуæгæн  фæмардуæвджыты  нымæц  асты  онг  сырæзт
Украинаг медиайы хъусинагæй, Краматорскыл уырыссаг ракетон бырсты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц асты онг сырæзт

Украинайы  горæт Краматорскыл  хуырыссаг ракетон бырсты   фæстиуæгæн  фæмардуæджыты  нымæц астмæ  схызт,  сæ нымæцы   æртæ сывæллæттæ.  Цæфты  нымæц  56-æй  фылдæр у.   Уый фæдыл  Украинаг медиа  бæстæйы  уæлвæтк  ситуациты паддзахадон    куыстыл æнцойæ  фыссы.

«28 июн, 07:00 сахаты  уауæрæй,  пырх  рестораны  бæстыхайы  кæлддзæгтæй  аст фæмардуæвæгы, сæ нымæцы æртæ сывæллоны   мардыбуар систой,  кæцытæй  дыууæ гуырд сты  2008 æмæ 2011  азты. Цæф сты 56-æй фылдæр адæймаг, сæ нымæцы иу 2022 азы  гуырд сывæллон», – дзырдæуы   уæлвæтк уавæрты  паддзахадон  куысты фидиуæны.

Агурæн-ирвæзынгæн  операцитæ ацы рæстæгмæ  цæуы.

Бакой уын кæндзыстæм,   знон  Уæрæсе ракетон бырст сыххæст кодта  Украинайы  хурыскæсæны уæвæг  горæт  Краматорскыл. Ракетæтæ  адæмарæхт рестораныл сымбæлдис.

Краматорск у  сæйраг горæт  Донецкы  провинцийы  фронты  хаххы   ныгуылæны.  Горæт   уыдис  уырыссаг  бырстыты арæх нысан, сæ нымæцы  2022  азы  апрелы   горæты æфсæнвæндагон станцæйыл   сæххæст  ракетон  бырст  63 адæймагы цард ахаста.