Украинаг медиайы хъусинагæй, Бæрзонддæр Радæ Ичкерийы Республикæ Уæрæсейы æрдгæй рæстæгмæ оккупацигонд территорийыл банымадта
Украинайы Бæрзонддæр радæ Ичкерийы Республикæ Уæрæсейы æрдгæй рæстæгмæ оккупацигонд территорийыл банымадта. Радæ афтæдæр фауы Уæрæсейы æрдгæй цæцæйнаг адæмы геноцид.
Информаци, украинаг медиа иуæй-иу парламентарийы, Ярослав Железнякы телеграммы постыл æнцойæ хъусын кæны.
«Радæ схъæлæс кодта Цæцæны Республикæ Ичкерийы, Уæрæсейы æрдгæй рæстагмæ оккупацигонд территорийыл банымадæн æмæ бафаудта Уæрæсейы æрдгæй цæцæйнаг адæмы геноцид», – фыссы депутат.
Æмбæлгæ уынаффæимæ сразы сты 287 депутат.