Украинаг медиайы информацийæ, Уæрæсейы  оккупацион тыхтæ Донецкы æмæ  Харьковы  цæрæн пункттыл бомбæкалды сыххæст кодтой
Украинаг медиайы информацийæ, Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Донецкы æмæ Харьковы цæрæн пункттыл бомбæкалды сыххæст кодтой

Уырыссаг оккупацион тыхтæ   Украинайы   Донецкы æмæ  Харьковы  цæрæн пункттыл бомбæкалд ракодта.   Украинаг медиайы информацийæ,  Донецкы зылды   бомбæкалды фæстиуæгæн  дыууæ адæймаг   уæззау фæцæф сты.  Цæрæн  пункт Малотаранивка  фронты  хаххæй  30 километры   ис.  Хæлиу кæны  информаци, цæмæй горæт Купянскы  цетралон  районыл   уырыссаг  æфсæддæт æмæхсты реактивон   системæтæй  сыххæст кодтой  бырст. Зиангонд сты  цæрæн  хæдзæрттæ  æмæ автомобилтæ.

Украинайы  æфсады  генштабы  информацийæ, ивгъуыд  æхсæв-боны мидæг, украинаг  æфсæддæттæ   ныкъуырд  скодтой Уæрæсеы,  зæгъæн ис, 60  бырсты,  хæст та интенсивон   дарддæр кæны инстенсивон  хæстон  архайдтытæй. Афтæма сæ  хъусинагæй, Уæрæсейы   оккупацион  тыхтæ  бырст сæххаст кæнын архайынц, Лиманы, Авдеевкæйы æмæ Парьинкæйы æрдæм.