Украинаг æфсæддæттæ хъусын кæнынц, цæмæй Авдеевкæйы цур дыууæ хъæуæй сæхи райстой
Украинаг æфсæддæттæ хъусын кæнынц, цæмæй Авдеевкæйы цур уæвæг дыууæ хъæуæй сæхи райстой, – уый фæдыл информаци Украинайы Æхсæнадон Уацхæссæг Украинайы гарзджын тыхты оперативон къорд «Тавриайы» минæвар Дмитри Лиховойыл æнцойæ хъусын кæны.
«Нæ æфсæддæттæ рацыдысты чысыл хъæутæй Северное æмæ Степное. Ацы хъæуты хæсты онг æдæппæт 100 адæймаг цардис», – райхъусын кодта Лиховой.
Уыимæ йæ ныхæстæм гæсгæ, украинаг æфсæддæттæн бантыстис хъахъхъæнынады хаххы стабилон скæнын Тоненкойы, Орловкæйы æмæ Бердичевы районты.
Бæрæгдзырдæн, абон сæумæрайсом Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фехъусын кодта, цæмæй уырыссаг æфсæддæттæ Украинайы цæрæн пункт Северное бацахстой.