Украинæйы  уæлдæфон тыхты камандыгæнæг хъусын кæны, цæмæй уырыссаг  æфсæддæттæ  Украинæйыл  бырст дронтæй  сыххæст кодтой, уыдонæй  æртæ Румынийы арæныл ахызтысты
Украинæйы уæлдæфон тыхты камандыгæнæг хъусын кæны, цæмæй уырыссаг æфсæддæттæ Украинæйыл бырст дронтæй сыххæст кодтой, уыдонæй æртæ Румынийы арæныл ахызтысты

Уырыссаг  æфсæддæттæ æхсæвы   Украинæмæ  38 æнæпилот тæхæн аппаратæй ныббырстой, Украинæйы хъахъхъæнынаы  тыхтæ 25-ы  æрыппæрстой, æртæ «Шахед» та  Румынийы арæны  уылты  ратахтысты.

Уæрæсе   бырст сыххæст кодта   Одессæйы  регионы хуссар æмæ централон хайы уæвæг инфраструктурон объекттыл.

Украинæйы  уæлдæфон тыхты  сæрдары,  инæлар-лейтенант   Николай Олешчукы фидиуæны  куыд у банысангонд  афтæмæй,   бырсты рæстæджы  Украинæйы  уæлдæфон тыгъдад  ныууагътой æртæ  уырыссаг   дроны,  кæцыты фæд  Румынийы   паддзахадон арæныл ахизыны фæстæ  фесæфт.

Уыимæ  румынаг   медиайы  бæстæйы территорийыл   дронты  спырхы, кæнæ  сæ  æрппæрсты  фæдыл  информаци нырма нæ  ахæлиу ис.