Украинæйы рæстдинон аргъуаны цытджын патриарх Филарет цардæй ахицæн
Украинаг рæстдинон аргъуаны патриарх Филарет 98 азы кары амард – уый фæдыл Киевы æмæ Æппæт Украинайы митрополит Епифаний фехъусын кодта.
Патриарх рынчындонмæ бахауд йе нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый тыххæй.
«Абон мæ зæрдæйы дæр, куыд бирæ украинæгты зæрдæты ис арф маст æмæ æнкъарддзинад, уымæн æмæ абон йæ сыгъдæгдзинады патриарх Филареты зæххон балц фæцис» – райхъусын кодта митрополит Епифаний.
Украинæйы рæстдинон аргъуаны сæргълæууæг æрсидт æппæтукраинаг дзугмæ, зæрдиаг куывдтытæ скæной æрæджы фæмардуæвæг Патриарх Филареты уды тыххæй.
Украинаг медийы информацийæ, Украинæйы хæдбардзинады райсты фæстæ, Патриарх Филарет тох кодта украинаг аргъуаны автономийы сног кæныныл æмæ Украинайы рæстдинон аргъуанæн автокефали раттыны тыххæй.
Цалынмæ Томос нæ райста, уæдмæ разамынд лæвæрдта Киевы Патриархийы Украинæйы рæстдинон аргъуанæн. 2018 азы, Иугæнæг Совет æмæ Украинæйы рæстдинон аргъуаны сырæзты фæстæ, Филарет ссис йæ кадджын патриарх.