Украинæйы Радæ хæстон уавæр æмæ æппæтон мобилизаци 90 бонæй адарддæр кодта
Украинæйы Бæрзонддæр Радæ бæстæйы хæстон уавæры æмæ æппæтон мобилизацийы ноджы 90 бонæй адарддæримæ сразы ис. Информаци уый фæдыл Радæйы депутат Ярослав Железняк хъусын кæны.
Уынаффæимæ парламенты 339 уæнг сразы ис.
Æмбæлгæ уынаффæ парламентæн бавдыста президент.
Афтæмæй, хæстон уавæр æмæ æппæтон мобилизаци Украинæйы 9 ноябрмæ адарддæр ис.