Украинæйы президенты офисы дæуд кæнынц Уæрæсейы газдадзæныл спырхимæ исты бастдзинадыл
Украинæйы президенты офисы Уæрæсейы газдадзæныл æрцæугæ спырхтимæ бастдзинадыл дæуд кæнынц. Украинæйыч президенты офисы минæвар Михаил Подоляк куыд райхъусын кодта афтæмæй, ахæм спырхы æрцæттæ кæнынæн уæрæх техниокн æмæ финансон ресурс хъæуы.
«Кæмæ уыд уый æппæт спырхы рæстæджы? Æрмæсттдæр Уæрæссемæ», – рахйъусын кодта Подоляк.
Уæдмæ «Уол Стрит Джурнал» публикаци скодта фæдагуырдон стати, кæцымæ гæсгæ дæр, уырыссаг газдадзæн «Цæгаты Къада»-ыл спырхы план Украинæйы президент сæрыфыццагæй сбæлвырд кодта, стæй та АИШ-ы спецкуыстыты куырдиаты бындурыл æй аивдта.