Украинæйы минæварад – алывæрсыг мадзæлттæ исæм, цæмæй Гуырдзыстоны барадхъахъæнджытæй райсæм барлæвæрд Украинæйы æмбæстæгтимæ фембæлынæн æмæ сæ ахсты уавæртæ сбæлвырд кæнынæн
Минæварады кусджытæ комплексон мадзæлттæ исынц, цæмæй Гуырдзыстоны барадхъахъæнджытæй райсой барлæвæрд Украинæйы æмбæстæгтимæ фембæлынæн æмæ сæ ахсты алы уавæр сбæлвырд кæной – уый фæдыл Гуырдзыстоны Украинæйы минæварады фидиуæны ис фыст.
Расидæнмæ гæсгæ, минæварадмæ гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй официалон информаци нæй райст Украинæйы дыууæ æмбæстагы ныхмæ уголовон хъуыдтагы райдайыны фæдыл.
«Гуырдзыстоны Украинайы минæварад æнæрлæугæйæ хъус дары уыцы информацимæ, кæцы Гуырдзыстоны медийы парахат кæны «Гуырдзыстоны барадхъахъæнджытæ дыууæ украинаг æмбæстаджы ахст кæй æрцахстой, кæцытæ æнхъæлмæ кæсынц рæмудзæн буар «Гексогены» æнæзакъонон ластдзинады фæдыл». Ацы рæстæгмæ Минæварад нæма райста официалон информаци гуырдзиаг фарсæй сæ ныхмæ уголовон хъуыддаг ацы аххосæгтæм гæсгæ байгом кæныны тыххæй. Минæварады консулон кусæг комплексон мадзæлттæ исы, цæмæй Гуырдзыстоны барадхъахъæнджытæй райсой барлæвæрд уæлдæрбанысангонд украинаг æмбæстæгтимæ фембæлынæн æмæ сæ ахсты алы уавæр сбæлвырд кæной» – ис фыст Украинæйы минæварады Гуырдзыстоны фидиуæны.
Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куыст æмæ мидхъуыдтæгты министрад Украинæйы дыууæ æмбæстагы æрцахстой.
Паддзахадон æдасдзинады службæйы 11-æм сентябры уагъд брифингыл куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы аз 10-æм сентябры уæзласæн машинæ MERCEDES-BENZ Украинæйæ Гуырдзыстонмæ ахызт Румыни æмæ Болгарийы уылты паддзахадон арæныл, æмæ бæстæмæ бацыд таможнæйон уадзæн пункт «Сарпийы» уылты. Йæ æрлæууын æмæ басгæрсты фæстиуæгæн хæдтулгæйы ссардтой рæмудзæн буаргъæд «Гексоген»-ы 2,4 килограммы, лæмбынæг æмбæхст бынæтты æвæрд.
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацимæ гæсгæ, оперативон æрмæджытæм гæсгæ, Украинæйæ ласт рæмудзæн буарады кæронбæттæн нысаниуæг у Тбилис, кæцы Авлабарийы районы уæвæг цæрæн хæдзæрттæй иу у.